Гиорги Гахариа фембæлд Æнæниздзинады хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы Европæйы регионалон директор Ханс Клюггеимæ
Гуырдзыстоны хицауады æмæ конкретонæй премьер-министры къухдариуæгæй архайæг хицауады реагиркæнынад ног коронавирусы пандемийыл æцæгæй дæр æппæлыны аккаг у, – уый фæдыл райхъусын кодта Æнæниздзинады хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы (WHO) Европæйы регионалон директор Ханс Клюгге Гуырдзыстоны премьер-министры хæстæ æххæстæгæнæг Гиорги Гахариаимæ фембæлды фæстæ.
Хицауады администрацийы пресс-куысты информацийæ, «Ковид-19»-ы пандемиимæ тохы æрдгæй, Гуырдзыстоны хицауады эффективон тыхархайд, æнæнизхъахъхъæды секторы плангонд реформæты æмæ ковид-вакцинаци уыд Гиорги Гахариа æмæ ÆХÆО-ы Европæйы регионалон директорты фембæлды сæйраг æркæсинаг фарстæтæ.
Хицауады администрацийы ацæугæ фембæлдыл Ханс Клюгге бæрзонд аргъ скодта хицауады арызт къахдзæфтæн коронавирусы пандемиимæ тохы æрдгæй æмæ бахахх кодта куыд клиникон фысымуатты, афтæ онлайнклиникæты иттæг нысаниуæгджын роль. Афтæма, сæрмагонд хъусдард раздæхта Лугары лабораторийы стратегион нысаниуæгыл куыд бынæттон, афтæ æхсæнадæмон æмвæзадыл. Ныхас баххæссыд ковидвакцинацийы процесс æнæкуылымпыйæ сифтонг кæныны нысанæн цæугæ куыстытæм дæр.
Банысан ис, цæмæй ацы темæйыл премьер-министры барамындæй арызт у специалон комисси, кæцы активон режимæй кусы, куыд вакцинæй афоныл æрбаласыны, афтæ инфраструктурон æмæ логистикон фарстæты аскуыддзагы æрдгæй. Ноджы иу хатт хъусдард раздæхтой уыцы фактыл, цæмæй COVAX платформæйæ уæлдай, активон фазæйы сты бадзырдтæ æхсæнадæмон партнертимæ æмæ вакцинæ-продуктдæттджытимæ, кæцытæ уадзы фæсарæн хъуыддæгты министрад, фæсарæнты Гуырдзыстоны дипломативон мисситы активон хайадæй.