Нæ Европаг фидæнæн абон сегасдæр тæсаг у хицауад, кæцыйы политикæ нæдæр хъавгæ æмæ нæдæр балансгонд у – уый фæдыл парти «Гуырдзыстоны тыххæй»-ы лидер Гиорги Гахариа абоны брифингыл райхъусын кодта.
Гиорги Гахариа куыд банысан кодта афтæмæй, абон Гуырдзыстонмæ ис реалон фадат, историйæн рæстæм рамбулын æмæ суа Европаг бинонты æххæстаргъджын уæг æмæ уымæй самал кæна дæргъвæтин стабилондзинад, дзæбьæхдзинад æмæ гарантиргонд сабырад.
«!Европа сабырдзинад у. Уый бакомкоммæ, Уæрæсеимæ ныхæй-ныхмæ иунæгæй баззайын та нысан кæны хæст. Оккупаци æмæ хæст уый у нæ историон фæтлтæрддзинад, кæцы нын бирæ хатт равдыста, цæмæй ныгуылæнимæ иудзинадæй дарддæр, æндæр геополитикон æвзæрст нæ вазыгджын регионы Гуырдзыстонæн, хъыгагæн нæй. Нæ европаг фидæнæн абон сегасдæр тæссаг у хицауад, кæцыйы политикæ нæдæр хъавгæ æмæ нæдæр балансгонд у. Абон «Оцнеба» æнхъæлы цæмæй Украина фембылд уыдзæн æмæ ацы логикæйæ аразы бæстæйы æддагон политикæ. Ацы скуыддзаггæнæг моменты «Оцнеба» дзырддаг кæны Европаг фидæн, æмæ æвæры фарст – цæй ма хъæуы нгæ ацы европæ? Дзæбæх у æви нæ евроцæдисимæ æнæвизæ змæлд, тагъд закъоныл æнцойæ агенттæй хондзысты алкæй, чидæриддæр сæ хъуыдытимæ не сразы уыдзæн» – райхъусын кодта Гахариа.
Афтæма йæ дзырдæй, «Оцнеба» Европаг фидæны бæсты сывзæрста хицаудзинад ма фесафын цыфæнды аргъæй.
«Ацы æвзæрсты аргъ, хъыгагæн бафиддзысты нæ хъæбултæ. «Националтæ» та цæттæ сты бæстæйы европаг фидæн баивын Саакашвилийы сæрибардзинады æмæ комфортыл, адон уыцы сырх хаххытæ сты, кæцыты бæстæйы националон интересты уылты сты уагъд. Ам комппромисстæ гæнæн нæу. Сидын «Оцнебайы» баззайгæ адæймæгтæм – ацы фыдгæнæгон процессы инструменттæ стут сымах, æмбæхст Иванишвили ацы фыдгæнæгон план æххæст кæны уæ къухтæй, сымах хъуамæ бамбарат, цææмй нæдæр Иванишвилийæн бантысдзæн фæсдуарæй ахъуызын æмæ нæдæр сымахæн рауайдзæн уый æфсон фæкæнын, уымæн æмæ алкæй бæрн уыдзæн персонализацигонд. Гуырдзыстон никуы уыдис афтæ хæстæг европаг интеграцимæ, æмæ никуы уыдис афтæ хæстæг ацы фадат фесафынæй. Ацы сæфт фадат уыдзæн фыдракæнд фидæны фæлтæрты раз. Алчи, чидæриддæр гæнæн ис хъауджы аргъ дæтта ивгъуыдæн, фæлæ нæ уырны цæмæй Гуырдзыстоны фидæн Европæйы ис, хъуамæ архайæм. Кæмæн цы йæ бон у, иумæ, хицæнтæй, абон нырид ницы уæлдай у чи куыд архайдзыстæм» – банысан кодта Гахариа.