Гиорги Гахариа - Евроцæдисæй финансон æххуысы сæйраг æрдæмад уыдзæн пандемийы ныхмæ тох æмæ экономикæйыл пандемийы фæстиуджыты фæрогдæр кæнын
Евроцæдисæй финансон æххуысы сæйраг æрæдмад уыдзæн пандемийы ныхмæ тох æмæ экономикæйыл пандемийы фæстиуджыты фæрогдæр кæнын – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа фехъусын кодта журналисттæн.
Гахариа европаг коллегæтæн раарфæ кодта финансон æххуысы тыххæй.
«Зондзыстут æй, цæмæй нæ æхсæнадæмон партнертимæ кризисы рагафон этапыл райдыдттам кусын, уый нымæцы финансон ресурстæ æрбаласынæн. Йеуæд евроцæдис, æцæг партнертæм куыд æмбæлы афтæ нын рахæыд нæ фарс. Уый у тынг ахсджиаг æххуыс. Ацы æххуысы сæйраг æрдæмад уыдзæн пандемиимæ тох æмæ экономикæмæ пандийы фæстиуджыты фæрогдæр кæнын. Фæнды мæ ноджы иу хатт официалонæй бузныг сын зæгъон нæ европаг коллегæтæн ацы æххуысы тыхæхй» – загъта Гиорги Гахариа.