Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа Давосы Дунейы Экономикон форумы фæлгæтты эстойнаг коллегæ, Юри Ратассимæ фембæлд.
Хицауады администрацийы пресс-куысты информацийæ, фембæлдыл, ныхас цыд Гуырдзыстон æмæ Эстонийы Республикæйы æхсæн уæвæг хæлар æмахастыл.
Хицауады сæргълæууæг Эстонийæн, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн, европаг æмæ евроатлантикон интеграцийы процессы æххуыс æмæ æнцой дарыны тыххæй арфæ ракодта.
Хъусдард здæхт æрцыд Гуырдзыстоны европаг æмæ евроатлантикон интеграцийы процессы цыды, афтæма, Гуырдзыстоны нысаниуæгджын хайбавæрды æрдæм, иумæйаг евроаталнатикон æдасдзинады.
Фарсытæ фæныхас кодтой Скæсæн Партнерады саммиты тыххæй, кæцы июны Брюсселы ацæудзæн æмæ бакусдзæн ног цæстæнгас, Скæсæн партнерады фидæнмæ гæсгæ.
Афтæма ныхас баххæссыд оккупацигонд территоритыл уæвæг уæззау гуманитарон уавæрмæ æмæ Гуырдзыстоны хицауады сабырадон политикæмæ – «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм».
Премьер-министртæ фæныхас кодтой æндæр æмæ æндæр сферæты дыууæфарсон æмгуыстадыл, уый нымæцы хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады æрдгæй.
Пресс-куысты хъусинагæй, æвæрццаг аргълæвæрд æрцыд, базарадон ахастыты уæвæг позитивон динамикæ, афтæма Гуырдзыстоны, Эстойнаг визиторты рæзгæ нымæц.
Премьер-министртæ, экономикон цæдисты фæстæдæр фæарфдæр кæныны тыххæй, иумæйаг экономикон комиссийы форматы саразыны фадæттыл фæныхас кодтой.
Фембæлды кæрон, Гиорги Гахариа Юри Ратассы Гуырдызстонмæ фæхуыдта.