Гиорги Гахариа, Давосы,   эстойнаг  коллегæимæ  фембæлд
Гиорги Гахариа, Давосы, эстойнаг коллегæимæ фембæлд

Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа  Давосы  Дунейы    Экономикон  форумы   фæлгæтты   эстойнаг   коллегæ,   Юри Ратассимæ  фембæлд.

Хицауады администрацийы    пресс-куысты   информацийæ,   фембæлдыл,  ныхас  цыд   Гуырдзыстон æмæ Эстонийы Республикæйы  æхсæн  уæвæг   хæлар  æмахастыл.

Хицауады  сæргълæууæг  Эстонийæн, Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинад æмæ  суверенитетæн,  европаг æмæ   евроатлантикон  интеграцийы  процессы  æххуыс æмæ æнцой дарыны  тыххæй   арфæ ракодта.

Хъусдард  здæхт æрцыд   Гуырдзыстоны  европаг æмæ евроатлантикон  интеграцийы   процессы   цыды, афтæма,  Гуырдзыстоны  нысаниуæгджын хайбавæрды æрдæм,   иумæйаг евроаталнатикон   æдасдзинады.

Фарсытæ   фæныхас кодтой   Скæсæн Партнерады  саммиты тыххæй,   кæцы   июны   Брюсселы   ацæудзæн  æмæ  бакусдзæн   ног цæстæнгас,  Скæсæн партнерады  фидæнмæ гæсгæ.

Афтæма ныхас  баххæссыд   оккупацигонд территоритыл   уæвæг   уæззау   гуманитарон   уавæрмæ æмæ   Гуырдзыстоны  хицауады  сабырадон  политикæмæ – «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм».

Премьер-министртæ  фæныхас  кодтой   æндæр æмæ  æндæр  сферæты  дыууæфарсон æмгуыстадыл,  уый нымæцы   хъахъхъæнынады æмæ  æдасдзинады æрдгæй.

Пресс-куысты   хъусинагæй,   æвæрццаг аргълæвæрд æрцыд,  базарадон ахастыты   уæвæг  позитивон динамикæ, афтæма  Гуырдзыстоны, Эстойнаг визиторты   рæзгæ  нымæц.

Премьер-министртæ,  экономикон  цæдисты  фæстæдæр  фæарфдæр кæныны  тыххæй,   иумæйаг  экономикон   комиссийы   форматы   саразыны  фадæттыл   фæныхас  кодтой.

Фембæлды кæрон,  Гиорги Гахариа   Юри Ратассы  Гуырдызстонмæ  фæхуыдта.