Гиорги Гахариа – Давит Гареджийы фарстайыл фæдагуырд, ницæмæй нæ разнаггад кæндзæн Гуырдзыстон-Азербайджаны стратегион партнерадæн
Нæдæр фæдагуырды факт, кæцы æнæхъæнæй у Гуырдзыстоны мидæгон хъуыддаг æмæ нæдæр фæдагуырды фæстиуæгæн фæбæрæггонд аууæлттæ, кæцыты тыххæй нырид фехъусын кодтам азербайджайнаг коллегæтæн, нæ разнаггад кæндзысты нæ дыууæ бæстæйы æхсæн стратегион партнерадæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа, Гуырдзыстоны хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Давит Гареджийы фарстайы политизаци кæнын абсолютонæй нæрайсгæ у.
«Прокуратурæйы цæугæ фæдагуырды тыххæй мæ фæнды зæгъын, уымæн æмæ не нцаынц фарстайы политизацийы архайдтæ, кæцы у бынтон нæрайсгæ. Алчи нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, цæмæй фæдагуырд хъуамæ кæронмæ фæуа æмæ æрмæст уый фæстæ рахæссæм кæронбæттæн хатдзæгтæ.Фарста уый йас нысаниуæгджын у, цæмæй цыфæнды хуызы политизаци æмæ политикон спекуляцитæ ацы фарстайыл æрмæст знаггадгæнæг сты бæстæйæн, уый тыххæй дæр абсолютонæй нæрайсгæ æмæ æнæруадзгæ у» – райхъусын кодта премьер-министр.
Афæтма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Азербайджан у Гуырдзыстоны стратегион партнер, афтæ адарддæр уыдзæн цыфæнды цауы дæр.
«Уымæй уæлдай ма фæнды зæгъыон, цæмæй нæдæр фæдагуырд райдаыны факт, кæцы æнæхъæнæй у Гуырдзыстоны мидæгон хъуыддаг æмæ нæдæр фæдагуырды фæстиуæгæн фæбæрæггонд аууæлттæ, кæцыты тыххæй нырид фехъусын кодтам азербайджайнаг коллегæтæн, нæ разнаггад кæндзысты нæ дыууæ бæстæйы æхсæн стратегион партнерадæн. Уый у хаххгондæй банысанкæнинаг. Фæнды мæ алкæмæн зæгъын, цæй ма, фарстайы политизаци кæнын нæ нницæмæн хъæуы бæстæйы интерестæм гæсгæ» – фехъусын кодта Гиорги Гахариа.