Гиорги Гахариа – цæттæ стæм, уый фадат нæм кæм уыдзæн, æххæстæй баххуыс кæнæм оккупацигонд территоритыл цæрæг æмбæстæгтæн
Премьер-министр Гиорги Гахариайы куырдиатæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны хицауад цæттæ у, баххуыс кæна оккупацигонд территоритыл цæрæг æмбæстæгтæн, цæмæй сæм уа фадат, глобалон быцæусидтæн бахъом уын.
Гиорги Гахариа куыд банысан кодта, афтæмæй, Гуырдзыстоны æндæр æмбæстæгтæ цы æххуыс исынц, раст ахæм æххуысæй оккупацигонд территориты цæрджыты сифтонг кæныны æрдгæй Гуырдызстоны хицауад куылымпыгонд у.
«Оккупацигонд территоритыл нæм нæй фадат не мбæстæгты раст ахæм æххуысæй сифтонг кæнын, куыд Гуырдзыстоны æндæр рæтты. Æнæкæсгæ уымæ, хъусын кæнæм, цæмæй цæттæ стæм, уый фадат нæм кæм уыдзæн, æмæ куыд бахъæуа, афтæ алы амæлттæй баххуыс кæнæм оккупацигонд территоритыл цæрæг æмбæстæгтæн, цæмæй сæм уа фадат, бахъом уой ацы глобалон тасæн», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.