Гиорги Гахариа - бынæттон компанитæн, кæцытæ ног проекттæ радайдзысты, паддзахад баххуыс кæндзæн уыдзæн банкон кредиты 90 проценты гарантийæ
Ног проекттæ æххæст кæнынмæ цы компанитæ рывналдзысты уыдонæн паддзахад баххуыс уыдзæн банкон кредиты 90 проценты гарантийæ, æрмæст уыцы компанитæн та, кæцытæм ахæм кредит ныридæгæн ис, цæугæ проектты сын, паддзахад баххуыс кæндзæн 30 проценты гарантийæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахарниа, хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Премьеры дзырдæй, зæгъгæ уый у фæнысангонд компаниты æнæфæцудгæдзинады æмæ сæ ликвидондзинад бахъахъхъæныны сегасдæр эффективон æмæ цырд фадат.
«Абон рахастам цалдæр фарсты – фыццаджы дæр, кредитон-гарантион схемæйы механизм равиын, закъондæттæн ивддзинад. Уый у иуæй-иу мадзал, кæцыйы фæрцы мах баххуыс кæндзыстæм бынæттон компанитæн. Ам сæйраг компонент уый мидæг ис цæмæй, уыцы компанитæн кæцытæ ног проекттæ радайдзысты, паддзахад баххуыс кæндзæн уыдзæн банкон кредиты 90 проценты гарантийæ, æрмæст уыцы компанитæн та, кæцытæм ахæм кредит ныридæгæн ис, цæугæ проектты сын, паддзахад баххуыс уыддзæн 30 проценты гарантийæ. Уый у фæнысангонд компаниты æнæфæцудгæдзинады æмæ сæ ликвидондзинад бахъахъхъæныны сегасдæр эффективон æмæ цырд фадат» – загъта Гиорги Гахариа.