Гиорги Гахариа Брюсселмæ официалон визиты фæлгæтты, Еврокомиссийы, Европаг Советы æмæ НАТО-йы бæрзонд рангы фембæлдтæ ауадздзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр 29-20 сентябры официалон визитæй Брюсселмæ ацæудзæн. Хицауады администрацийы пресс-куысты информацийæ, хицауады сæргълæууæгы рангы Брюсселмæ фыццаг официалон визиты фæлгæтты Гиорги Гахариа бæрзонд рангы фембæлдтæ ауадздзæн Еврокомиссийы, Европæйы Советы, Европарламенты æмæ НАТО-йы штаб-хæдзары.
Афтæма сæ информацийæ, 29 сентябры премьер-министр НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенбергимæ фембæлдзæн, кæцыйы фæстиуæгæн фарсытæ иумæйаг пресс-конференци ауадздзысты.
«Дыууæбонон визиты фæлгæтты, пълангонд сты фембæлдтæ Европаг Советы президент Шарль Мишелимæ, Еврокомиссийы вице-президент Маргаритис Схинасимæ, Европарламенты президент Давид-Мария Сасолиимæ, Евроцæдисы бæрзонддæр минæваримæ æддагон æмæ æдасдзинады политикæйы фарстаты Жозеп Борелимæ, афтæма еврокомиссартимæ æмæ европаламенты уæнгтимæ. Гуырдзыстоны делегацийы сконды сты Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани æмæ хицауады администрацийы хистæр Натиа Мезвришвили», – дзырдæуы информацийы.