Гиорги Гахариа - Ахуыр «Аккаг Партнер 2020» никæй ныхмæ у здæхт, ацы ахуыртæн сæ нысан у Гуырдзыстоны иргъæфхъомад фæтыхджын кæнын
Ахуыр «Аккаг Партнер 2020» никæй ныхмæ у, ацы ахуыртæ сты Гуырдзыстоны иргъæфхъомад фæтыхджын кæнынæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа бирæнацион ахуыр, «Аккаг Партнер 2020»-ы байгомыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
«Алчи хорз æмбарæм уый æмæ ахæм ахуыртæ нæ æфсæддæттæн дæттынц фадат, аккаг дарой мундир, уымæн æмæ дзæбæх хъуамæ æмбарæм уый æмæ Гуырдзыстоны роль глобалон сабырады, тыхджынæй тыхджындæр хъуамæ кæна æмæ æппыфæстаг, ахæм ахуыртæй, нæ партнертимæ иумæ æмбынатиндзинад райрæзын кæныны фæрцы хъуамæ æрхæццæ уæм евро-атлантикон интеграцимæ. Стыр бузныг уын фыццаджы дæр аккаг службæйы тыххæй. Бузныг нæ уазджытæн, нæ партнертæн, уымæн æмæ дзæбæх хъуамæ æмбарæм, цæмæй Гуырдзыстонæн уый у иттæг нысаниуæгджын, уый у нæ райсом æмæ уый у нæ евро-атлантикон интеграци. Æппынфæстаг мæ фæнды зæгъын, цæмæй ацы ахуыртæ никæй ныхмæ не сты, ацы ахуыртæ сты Гуырдзыстоны иргъæфхъомад фæтыхджын кæнынæн æмæ уый у Гуырдзыстоны алы æфсæддоны æмæ алы æмбæстагы хæс. Ноджы иу хатт уын бузныг аккаг службæ кæныны тыххæй», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.