Гиорги Гахариа - АИШ, Британи, Евроцæдис рахатинагæй æххуыс нын кæнынц, цæмæй æндæр æмæ æндæр хуызы гибридон тасæн бахъом уæм
АИШ, Британи, Евроцæдис рахатинагæй æххуыс нын кæнынц, цæмæй æндæр æмæ æндæр хуызы гибридон тасæн бахъом уæм – райхъусын кодта премьер-министртæм кандидат Гиорги Гахариа парламенты, цы ран хицауады сбæлвырды фарста кæсынц.
Гиорги Гахариа депутатты фарстытæн дæтты дзуапп. Иуæй-иу фарстайæ бавдыстæуыд бæстæйы гибридон быцæусидтытæ æмæ сæ ныхмæ хæцын. Гиорги Гахариайы дзырдæй, айы æрдгæй сæйраг рард уыдзæн, æхсæнадæмон партнертимæ максималонæй эффективон æмкуысткæнынад.
«Гибридон быцæусидтытæ не сты Гуырдзыстоны проблемæ, уый у серьозон проблемæ нырыккон дунейы. Егъау системон паддзахадтæ зынтæй тых кæнынц ахæм быцæусидтиытыл, нæ уавæры кой куыннæ уал кæнæм уæд, уæлдайдæр ахæм уæззау регионы.
Æргомзæрдæйæ мæ фæнды зæгъын уын, цæмæй ацы æрдæм нын тынг зын у æмæ ам цырд фæстиуæгмæ æрцæуынæн, нысаницуæгджын у эффективон æмкуысткæнынад нæ стратегион партнертимæ, сæйрагæйдæр ам æмкуыст кæнæм АИШ-имæ, Британиимæ, Евроцæдисимæ. Уыдон нын тынг æххуыс кæнынц, цæмæй мах æндæр æмæ æндæргъуызон гирбридон тасыл, фæлмæн тыхæй райдайгæ, æндæр æмæ æндæр формтæйæ уый нымæцы информацион дæр – уый æппæт мах бахъом уæм.
Æмбарут æй , цæмæй «фейк-ньюсы» проблемæ нæу æрмæст гуырдзыстоны проблемæ. Ай у ахæм проблемæ æмæ быцæусидт, кæцыимæ хæцын ис гæнæн, сæрмагондæй та нæ регионы, кæрæдзиимæ куы фемдзыд вæййынц стыр, системон глобалон хъазæгы интерестæ. Уый тыххæй длæр ацы æрдæм нæ сæйраг рард уыдзæн, максималонæй эффективон æмкуыст кæнæм нæ партнертимæ» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.