Гиорги Гахариа - Æз сын парламентмæ æрбалæбурыны фадат куы раттаин, уæд хъуамæ систаин мæ куыстæй мæхи
Æз мæ куыстæй мæхи уæд хъуамæ систаин парламентмæ балæбурын сæ куы бауагъдтаин уæд – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министртæм кандидат, Гиорги Гахариа парламенты дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
«Цæй зæгъын æй хъæуы, бæрн хатын, алкæцы уыцы цæф æмбæстагыл, кæцыйыл сæмбæлд резинæйæ нæмыг, райста æндæр хуызы зиан, алкæуыл, чидæриддæр фесæфта цæст. Зæрдæргомæй зæгъын хъæуы, цæмæй ахæм нæм ис дыууæ адæймаг.
Паддзахадон институтмæ физикъон лæбурд хуыйны штурм, гъе ам нæ дзырдæуы заргæ кафтæй бацыдыл – штурмæй лæбурдæн ис йæхи ном, уый хуыйны куыд минимум организацигонд бырст паддзахадон институтмæ политикъон коньюктурæ ивды нысанæй. Фæцис. Æз сын ардæм æрбалæбурыны фадат куы раттаин, уæд хъуамæ систаин мæ куыстæй мæхи» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.