Гиорги Гахариа - Æвзæрстытæ ацæудзысты, сабыр, демокративон уавæрты, пандеми сæ нæ фæкуылмпы кæндзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы фидиуæнæй, зæгъгæ хицауадæн йæ нысан у, æвзæрстытæ сабыр, демокративон уавæрты ауадзын æмæ афтæ дæр уыдзæн.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, пандеми зæгъгæ æвзæрстытæ нæ фæкуылымпы кæндзæн. Гиорги Гахариа ноджы иу хатт раздæхта йæ хъусдард уыцы æрдæм ома инфицирады цауты нымæцы рæзт æнхъæлмæкæсинаг уыд æмæ цæрджытæм æрсидтис, фæткæвæрд æмæ рекомендацитæ æххæст кæнынмæ.
«Оппозицийы шансытæн æз куыд саргъ кæнон, уый мæ хъуыддаг нæу. Зондзыстут æй, æвзæрстытæ цæуынц бынтон ног, фылдæр демокративон принциптæй. Уый тыххæй нæ нысан у, æвзæрстытæ ацæуа сабыр, демокративон, æргом, трансфарентон уавæрты, æмæ афтæ дæр уыдзæн. Алчи дзæбæх æмбарæм, цæмæй пандеми æвзæрстытæ нæ фæкуылымпы кæндзæн. Кæддæриддæр дзырдтам, цæмæй дыккаг уылæн уыдаит, æмæ уый ныр ног уац нæу, дзырдтам цæмæй фæткæвæрд хъахъхъæнын хъæуы æнæмæнгæй. Абон размæцыд дунейы, вирусы ахæлиуæн превенцийæн, маскæтæй дистанцийыл æмæ элементарон гигиенон нормæтæй хуыздæр мадзæлттæ нырма ничи æрымысыд. Уый тыххæй ацы фæткæвæрд хъуамæ æххæст кæнæм» – райхъусын кодта Гахариа.