Гиорги Гахариа -  Æвзæрстытæ ацæудзысты, сабыр, демокративон  уавæрты, пандеми сæ нæ фæкуылмпы кæндзæн
Гиорги Гахариа - Æвзæрстытæ ацæудзысты, сабыр, демокративон уавæрты, пандеми сæ нæ фæкуылмпы кæндзæн

Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариайы  фидиуæнæй,  зæгъгæ хицауадæн йæ нысан у, æвзæрстытæ  сабыр, демокративон   уавæрты ауадзын æмæ  афтæ дæр уыдзæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,    пандеми зæгъгæ æвзæрстытæ нæ фæкуылымпы кæндзæн. Гиорги Гахариа ноджы иу хатт раздæхта йæ хъусдард уыцы æрдæм ома  инфицирады  цауты нымæцы рæзт  æнхъæлмæкæсинаг уыд æмæ цæрджытæм æрсидтис,  фæткæвæрд æмæ рекомендацитæ æххæст кæнынмæ.

«Оппозицийы  шансытæн æз куыд  саргъ кæнон,  уый мæ хъуыддаг нæу.  Зондзыстут æй, æвзæрстытæ  цæуынц  бынтон ног, фылдæр  демокративон принциптæй.  Уый тыххæй  нæ нысан у, æвзæрстытæ ацæуа сабыр, демокративон, æргом, трансфарентон  уавæрты, æмæ афтæ дæр  уыдзæн.  Алчи дзæбæх  æмбарæм, цæмæй пандеми æвзæрстытæ нæ фæкуылымпы  кæндзæн.  Кæддæриддæр дзырдтам, цæмæй  дыккаг  уылæн  уыдаит,  æмæ уый ныр ног уац нæу, дзырдтам цæмæй   фæткæвæрд хъахъхъæнын хъæуы æнæмæнгæй.  Абон  размæцыд дунейы, вирусы ахæлиуæн превенцийæн, маскæтæй дистанцийыл æмæ элементарон  гигиенон  нормæтæй  хуыздæр  мадзæлттæ нырма ничи æрымысыд. Уый тыххæй  ацы фæткæвæрд хъуамæ æххæст кæнæм» – райхъусын кодта Гахариа.