Гиорги Гахариа – Æнхъæл куыд уыдыстæм афтæ, фактиконæй дыккаг уылæны процесс идайы, паникæйы бындур нæй, ситуаци æххæстæй контрол кæнæм
Фæстаг бонты дæргъы, фæбæрæг ис фæрынчынуæвджыты нымæцы рæзт. Абоны 57 æмæ знон 44 цауы нын комкоммæ уый амонынц, цæмæй бæстæйы эпидемиологион уавæр сындæггай ивы, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Уый хаххгондæй банысан кодта, цæмæй бæстæйы уавæр контролы дæлбар у.
Гахариайы дзырдæй, зæгъгæ уый тыххæй, цæмæй вирусимæ тох кæнынæн хицауады стратегий сыххæст уа, бæстæйы бæрæг арæнæвæрдтæ æрбайсын бахъæузæн.
«Æнхъæл куыд уыдыстæм дыккаг уылæны фæдыл, афтæмæй фактиконæй ацы процесс идайы. Æнхъæлмæ кастыстæм фæззæгæ æмæ ныр раст ацы процесс идайы. Сæйраг у уый æмæ, паникæйæн ницы бындур ис, уымæн æмæ æххæстæ контрол кæнæм уавæр. Зондзыстут æй, эпидемийы ахæлиуы фыццаг бонæй, Гуырдзыстоны хицауад афоныл æмæ цырдæй сарызта къахдзæфтæ æмæ ацы къахдзæфты иуæй-иу сегасдæр нысаниуæгджын æрдæмад уыд вирусы ахæлиуы риск контрол кæнын, афтæ куыд социалон-экономикон æмæ фæнды политикон царды адаптаци, иумæйагæй, вирус контрол кæныны уавæрты.
Цæвиттонæн нæ бон зæгъын у, цæмæй эпидемийы райдайæны фыццаг бонты нæ æнæнизхъахъхъæды системæ, боны мидæг 150 «PCR» тест. Абоны уавæрæй æнæнизхъахъхъæды системæйæн йæ бон у, астæуккаг бæрæггæнæнæй, 7-7 мин тест саразын æмæ иууыл тагъд, гæнæн бауыдзæн 10 000 тест ауадзын. Уавæр æххæстæй контролы дæлбар у æмæ паникæйæн ницы бындур ис. Уый тыххæй, цæмæй нæ стратеги – цырд æндæвдад, уайтагъд хос кæнын æмæ фæрынчынуæвæг адæймаджы социалон-экономикон цардмæ рæхджы æрыздæхын – сыххæст уа, бæрæг арæнæвæрдтæ сфидар кæнын бахъæудзæн, ахæмтæ, кæцытæ не сты адæймаджы базисон хъæуындзинæдтæ» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.