Гиорги Гахариа – æнæкæсгæ уымæ, цæмæй нын абон 38 фæрынчынуæвæг ис, скъолаты ахуыры процесс ахæцыныл ныхас нæй
Æнæкæсгæ уымæ? цæмæй нын абон ис 38 фæрынчынуæвæг, кæй зæгъын æй хъæуы, ницы ныхас ис ахуыры процесс ахæцыныл, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа æхсæнуагдонон координацион советы рабадтыл райхъусын кодта.
Хицауады сæргълæууæгы дзырдæй, зæгъгæ ахуыры процесс сколаты хъуамæ райдайа 15 сентябры æмæ уый тыххæй æххæстæй мобилизацигонд хъуамæ уа ахуырады æмæ æнæнизхъахъхъæды министрадтæ.
«Дзырдæуы уый фæдыл, ома ахуыры процесс скъолаты райдайа 15 сентябры. Уый тыххæй æххæстæй мобилизацгонд хъуамæ уа ахуырады æмæ æнæнизхъахъхъæды министрадтæ. Ацы æрдæм тынг бæрнон стæм, уымæн æмæ мацы риск сæвзæра ахуыры процессы æрдæм. Уый тыххæй хъæуы ахуыргæнæндæтты æмбæлгæ мадзæлтты хъахъхъæнын», – загъта Гиорги Гахариа.
Премьер-министр æрсидтис æмбæлгæ уагдæттæм, цæмæй фæкарз кæной æдасдзинады мадзæлттæ.
«Горæты мэрийæн мæ фæнды бахæс кæнын, цæмæй нормæтæ, кæцы уагæвæрд сты æхсæнадон транспорты, базарадон объектты, ам дæр хъуамæ фæкарзкæнæм, уымæн æмæ у сентябрь, горæтмæ æздæхынц улæфынмæ чи уыд уыдон, рахизынц æрвылбойнон цардуагмæ, куыстмæ æмæ ам алчи нæхи хъуамæ сахуыр кæнæм, цæмæй хъыгагæн, цыдæр период ахæм арæнæвæрдтæ æмæ дискомфортимæ цæрын нæ бахъæуыдзæн», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.