Гиорги Гахариа æмæ NDI-ы президент, æвзарæнон афæдзы дæргъы координиргонд æмгуыстады æнæмæнгдзинадыл фæныхас кодтой
Гуырдзыстоны «Эндиайы» куысты æндæр æмæ æндæр ардæмадтæ афæлгæстой Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа æмæ «Эндиайы» президент Дерек Митчелл хицауады администрацийы ацæугæ фембæлдыл.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, ныхасы рæстæджы сæрмагондæй банысан ис АИШ-Гуырдызстоны стратегион партнерады бæрзонд æмвæзад. Хъусдард сцырын ис бæстæйы æвзарæнон афæдзы дæргъы координиргонд æмгуыстады æнæмæнгхъæуындзинадыл.
Ныхас цыд бынæттон хæдуынаффæты æмæ минæварадон оргæнты фæтыхджын кæныны нысаниуæгыл æмæ ацы æрдæм, Эндиай цы куыст ракодта уыйыл. Банысан ис, цæмæй зæгъгæ нысаниуæгджын у, ма рцæуа куысты конкретон аспектты политизаци, уымæн цæмæй, уый гæнæн ис бахъыгдара уыцы нысæнттæм æрцæуын, кæцытыл ориентиргонд у националон-демокративон институты æххуысæй цæугæ проекттæ.
Фæрсты аргълæвæрдæй, зæгъгæ æвзæрстытæм нысаниуæгджын у полæризацийы бæрзонд æмвæзад фæкаддæр кæнын æмæ ацы процессы алы фарсæн дæр йехи роль ис. Премьер хаххгондæй банысан кодта, цæмæй 2020 азы æвзæрстытæ, афтæ куыд 2012-азы фæстæ ацæугæ алы æвзæрстытæ, бæрзонд æмвæзады æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæйæ ацæудзысты.