Гиорги Гахариа æмæ Мамука Хазарадзе хъусын кæнынц, цæмæй президенты галуаны  бадзырдтæ  райсом  адарддæр уыдзысты
Гиорги Гахариа æмæ Мамука Хазарадзе хъусын кæнынц, цæмæй президенты галуаны бадзырдтæ райсом адарддæр уыдзысты

Бадзырдтæ нырма нæ  фесты.  Стыр  ныфс  мæ уыд,   цæмæй  абон фæуыдзысты,  бадзырдтæ  рæнмæ æрцæудзысты  сом, – уый фæдыл «Гуырдзыстоны тыххæй»-ы  лидер Гиорги Гахариа   Орбелианиты  галуаны  коалици «Тыхджын Гуырдзыстоны»  лидер Мамука Хазарадзеимæ    фембæлды  фæуды фæстæ райхуъсын кодта.

Гахариайы дзырдæй, бæрæг разыдзинæдтæм æрцыдысты,  фæлæ ма  дзы ис бæрæг фарстатæ, кæцы   кæронмæ бакæнын хъæуы.

«Знон загътон, цæмæй  ма дзы баззадс иу  фарста, кæцы æххæссыд   паритеты  фарстамæ, кæцы,  хъыгагæн,  афтæ  куыд хъуамæ  рауадаит нæ   бантыстис.  Фæлæ  цыдæр амæлттæй  ссардтам фæндаг.   Ныр  ис  конкретондæр фарстатæ, кæцытæ  сом  боны  дæргъы,   ныфс мæ ис  алыг кæндзыстæм æмæ  бадзырдмæ æрцæудзыстæм», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.

Мамука Хазарадзе жунлаисттимæ ныхасы  ныфс  равдыста, цæмæй бадзырдтæ  райсом  фæуыдызсты.

«Дыууæ боны цæуынц  бадзырдтæ.  Æнцон нæу  æрдзурын.  Зæгъæн ис, цæмæй  хæстæг  стæм.   Фæнды мæ зæгъын, цæмæй  ницы   постыл  кæнæ     номхыгъдтыл   ныхас нæ цæуы. Ам дзырд цæуы, цæмæй    ма æрыздæха  раздæрон хицауад æмæ куыд  саразæм ног реалондзинад  уый тыххæй, цæмæй  нæ  бæстæ  тынг тагъд ауадза  уыцы  реформæтæ, кæцытæ   бæрæг сты  хартийæ, кæцытæ нын ис – куыстбынæтты саразын,  пенситæ,  нæ  студенттæн куыст раттын.  Сегасдæр сæйраг   эмиграцийы  бауромын, цæмæй  бæстæ    скæнæм лидерæй.

Бузныг  цытджын президентæн, бузныг Гиоргийæн, вазыгджын фæлæ   конструктивон   бадзырдтæн.   Фембæлд сом адарддæр уыдзæн  нырид  кусæн   уавæры  фæстæмæ   президентимæ.  Райсом,  ныфс мæ  ис   алцыппæтыл æрдзурдзыстæм», – райхъусын кодта  Мамука Хазарадзе.

16 сентябры Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили   Мамука Хазарадзе æмæ Гиорги Гахариайы  партитæм  баиу кæнынмæ æрсидтис æмæ сæ  консультацитæ ауадзынæн   Орбелианиты  галуанмæ   фæхуыдта.