Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы фидиуæнæй, зæгъгæ нырид цалдæр мæй у даргъ кæны пандеми æмæ уымæй расайгæ экономикон кризис, фæлæ ацы рæстæджы алчи йæ зæрдыл хъуамæ дарæт, цæмæй цæуы æвзарæнон процесс.
Гахариайы дзырдæй, зæгъгæ æвзарæнон процесс дæр бæрзонд гъæдæй хъуамæ ацæуа æмæ уый у хицауады бæрн.
Афтæма, хицауады сæргълæууæгы дзырдæй, фыццаджы дæр сегасдæр нысаниуæгджын у æмбæстæгты æнæниздзинад, сæ куыстбынæттæ мафесафын æмæ социалон æххуыс, сæрмагондæй т а сывæллæттæ.
Гахариайы дзырдæй, æххуыс фæхæццæ уыдзæн алы хæдзары бинонтæм, чидæриддæр æмбæлгæ куырдиат баххæст кæндзæн, æмæ йæ ныфс ис, нал уыдзæн ахæм моралон проблемæтæ, чидæртæ куы архайдтой, сывæллæттæн рахицæнгонд æххуыс, политикон дивиденттыл банымайын. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, социалон æххуыс райсынæн, нырид регистраци ауагъдтой 600 868 сывæллоны.
«Знон хъуыстон æнæнизхъахъхъæды министрады фидиуæнмæ, кæцыйæ бæрæг ссис, цæмæй бæстæйыразындысты адæймæгтæ, кæцытæ архайынц, финансон æххуыс райсын æмæ иуæй-иу хатт та, политикъон пайда афтæ цæмæй сывæллæттæн æмæ сæ ныйарджытæн баххуыс кæной ацы æххуыс райсыны, кæцы сæм æмбæлы паддзахадæй.
Уырнæг стæм, цæмæй нæ æмбæстæгтимæ нæ ницы æхсæнылæгтæ нæ хъæуынц, æнæнкæсгæ уымæ, цæмйæ фыццаджы дæр ам фæбæрæг ис моралон проблемæ, фæлæ гæнæн ис барадон проблемæтæ дæр уа кæцыдæр физикъон уæнгты цауы, уый æппæтыл бакусдзысты æмбæлгæ уагдæттæ. Фæлæ мæ фæнды нæ алы æмбæстагæн хаххгонд зæгъын, сæрмагондæй та уыдонæн, кæцытæн нырма дæр ис æвзагы проблемæ кæнæ барьер, цæмæй кæцыфæнды паддзахадон оргæн, структурæ, Либерти Банк, кæцыфæнды бынæттон муниципалитеты уагдон, алыхуызон финансон пайдайæ цух, баххуыс сын уыдзысты цырдæй, максималонæй, цæмæй ацы куырдиæттæ баххæст кæной. Уымæй дарддæр ма, фæнды мæ зхæгъын уын, цæмæй куырдиæтты исын адарддæр уыдзæн фыццаг декабрмæ, æмбæлгæ æххуысы алæвæрд та райдайдзæн сентябрæй», – загъта премьер-министр.