Гиорги Гахариа – ацы регионмæ ис нысаниуæгджын æмæ рæзгæ инвестицион потенциал
Алчидæр зонæм, цæмæй ацы регион нысаниуæгджын инвестицион потенциалы хицау у æмæ у рæзгæ, уымæн æмæ пайда кæнæм иууон политикъæйæ, къаддæр кæнæм базарадон барьертæ æмæ хуыздæр кæнæм бастдзинадхъомад, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа инвестицион форумыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Премьер-министры дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны хицауалы сæйраг нысæнттæ сты фылдæр куыст бынат саразын, фидар æхсæйнаг клълассы арызт, сабырады æмæ стабилондзинад сфидар кæнын.
«Æдасдзинады тыххæй тыхайрхайды баиу кæнын иттæг хъæугæ у фидар экономикæйæн æмæ ам уын мах æнхъарæм капиталбавæрды, базарады æмæ инновациты уникалон фадат, кæцы нæ географион равæрды æмæ бизнес æрдæм зæрдæхæлар æрдзыл æнцой æвæрд у. Гуырдзыстон ацы регионы къулдуар у. Нæ нысан у, интеграци скæнæм æнæ æрмæст хурыскæсæнимæ æмæ ныгуылæнимæ, фæлæ ма цæгат æмæ хуссаримæ дæр» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Премьер-министры дзырдæй, Гуырдзыстоны аразы конкретон къахдзæфтæ уый тыххæй, цæмæй фидар экономикон ахастытæ йын уа алы партнеримæ регионы æмæйæ фæлгæтты æддæйæ.