Гиорги Гахариа – Абоны кризис у ноджы иу фадат, кæцыйы рæстæджы Гуырдызстонæн йæ бон у сæрмагонд функци сыххæст кæнын
Абоны кризис у ноджы иу диссаджы фадат, кæцыйы рæстæджы чысыл Гуырдзыстонæн йæ бон у, сæрмагонд функци сыххæст кæнын, – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа, Лопотайы цадыл дипломативон корпусы минæвæрттимæ фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.
«Алчи хорз æмбарæм уый, цæмæй пандеми у глобалон æртъхъирæн. Уый нырид айрæзтис серьозон экономикон кризисмæ æмæ алчидæр æмбарæм, цæмæй канд чысыл Гуырдзыстон нæ фæлæ стыр, фидар, системон бæстæтæ дæр, хицæнæй, ацы глобалон æртъхъирæнæн нæ бафæраздзысты, нæ бахъом уыдзысты æмæ йæ басæттын сæ бон нæ бауыдзæн. Уый тыххæй ацы кризис, нæ абоны царды сегасдæр нысаниуæгджын кризис, у ноджы иу дзæбæх фадат, кæцыйы рæстæджы чысыл Гуырдзыстонæн йæ бон у, сæрмагонд функци сыххæст кæнын, йæхæдæг, сæрмагонд территорийыл, сæрмагонд паддзахады, йæ бæстæйы, раст фæтк дæттын уыцы рискытæн, кæцытæ хæссы вирус, бафæраза вирусы фæуромын, стæй æмбæстæгтæн схос кæнын æмæ уымæй сæрмагонд функци сæххæст кæнын глобалонæй вирусы ныхмæ тохы хъуыддаджы», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.