Гиорги Гахариа - 2021 азы дæргъы æмбæстæгтæ электроэнергийы тарифты фæзынаргъ нæ рахатдзысты
Уыдис нын уынаффæ нæ балы æхсæн, хицауады, кæй зæгъын æй хæъуы, парламенты минæвæрттимæ дæр æмæ ахицæн кодтам ацы моментмæ иунæг гæнæн æмæ раст уынаффæ уыдзæн – 2021 азы дæргъы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ электроэнергийыл тарифты фæфылдæр нæ банкъардзысты, – уый фæдыл æхсæнуагдонон координацион советы рабадты фæстæ лæвæрд брифингыл райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа.
Хицауады сæргълæууæгы дзырдæй, зæгъгæ уый нысан кæны, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад æххæстæй субсидитæй бамбæрздзæн 300 киловаты онг фæлхасад абонентæн, электроэнергийы абон архайæг тарифы æмæ фæзынаргъгонд тарифы æхсæн хъауджыдæрдзинад, кæцыйы Энергетикæйы регуляцигæнæг комисси абон сбæлвырд кæндзæн. «Гуырдзыстоны ис æмтгæй райсгæйæ 1.7 милуан абонент, кæцытæй 1.6 милуан абонент фæлхас кæнынц 300 квт/схт-æй къаддæр элеткроэнерги», – банысан кодта премьер.