Гига Бокъериа - сом сæумæрайсомæй, пълан кæны парламенты бацæуæнты пикеттæ саразын, мидæмæ бацæуын кæй фæнды, уыдон æхсæв хъуамæ сбон кæнæт
«Европаг Гуырдзыстоны» иуæй-иу лидеры, Гига Бокъериайы информацийæ, сом сæумæрайсомæй, пълан кæны парламенты бацæуæнты пикеттæ саразын.
Бокъериа абоны брифингыл куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ уæдмæ, цалынмæ Бидзина Иванишвили фæстæмæ нæ айсдзæн йæ ныхæстæ, кæцытæй уый æхсæнад бафхæрдта, уæд сын зæггæ нормалон политикъон цард нæ уыдзæн.
«Сом сæумæрайсомæй пикетты скæндзыстæм парламенты бацæуæнты, уый тыххæй, парламентмæ бацæуын кæй фæнды, уыдон æхсæв хъуамæ сбон кæнæт. Цалынмæ ацы фидиссаг «клоунты» лидер Бидзина Иванишвили фæстæмæ нæ айсдзæн йæ ныхæстæ, кæцытæй уый æхсæнад бафхæрдта, уæд сын нормалон политикъон царды фадат нæ уыдзæн»,-загъта Гига Бокъериа.