Гига Бокериа - Фæлгæт документы æлхынцъон фарстæтæ сты, политикон хъуыддæгтæ æмæ æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты темæ, ис нын позитивон райдайæн стъæлф
Ацы æнхъарæны, ацы фæлгæты дырысæй дзырд ис политизиргонд расттæрхоны хъуыддæгты фæдыл æмæ диссаг нæу, цавæр хъуыддæгтыл цæуы ныхас. Уый у Ника Мелиайы, 8 марты бадзырдæй ныууадзгæ Руруайы хъуыддаг æмæ æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты фарст. Аæтма уыдис æндæр фарстæтæ – уый фæдыл «Европаг гуырдзыстоны» лидер Гига Бокериа хицауад æмæ оппозицийы фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
Уыйимæ иумæ Бокериайы дзырдæй, зæгъгæ акцитæ дарддæр кæндзысты.
«Хицауадæн ныры онг уыдис пайдаджын позици. Шарль Мишелы хъуыддагмæ бацыдæй та ныр нын ис позитивон радайæн. Президент Мишель загъта, цæмæй зæгъгæ ай нæу къуыриты æмæ мæйты æмгъуыд, æввахс бонты хъуамæ æрцæуæм прогрессмæ. Ника Мелиайы æмæ æндæр фарстæтæ æнæаскуыддзагæй кризисæй нæ райсдзыстæм нæхи. Ацы фæлгæт документы æлхынцъон фарстæтæ сты политикон хъуыддæгтæ æмæ æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты темæ. Факт уый у, цæмæй президент Мишелы инициативæйæ ацы фæлгæт документмæ хаст цæуы алы ахæм ахсджиаг фарста. Ам нæй æмгъуыд ахæцыныл ныхас, уый æппæт хъуамæ аскуыддзаг уа цалдæр бонмæ, ахæм сты президент Мишелы ныхæстæ. Сабырадон акцитæ цыфæнды физикон быцæудзинадæй цух, демократон дзыллæйы абсолютонæй нормалон хай сты, блокировкæтæ кæнын æнæ уый дæр ничи хъавыд, уый тыххæй дæр ницы фæивдта, сабыр пикеттæ кæнын дарддæр кæндзыстæм» – райхъусын кодта Гига Бокериа.
Президенты администрацийы ацыд оппозицийы æмæ хицауады минæвæртты фембæлд. Фембæлдыл уыдысты, Европæйы Советы президент Шарль Мишель, Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл.