Германийы минæвар - Дис кæнын уыцы комментаритæй, кæцыты адæймæгтæ ме рдæм аразынц, сæйраг у конституцион ивддзинæдтæ сфидар сты, уымæй тынг райгонд дæн
Дис кæнын уыцы комментаритæй, кæцыты адæймæгтæ ме рдæм аразынц – райхъусын кодта Гуырдзыстоны Германийы минæвар Хуберт Книрш.
Минæвар абон Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр фембæлд Экатерине Тъикъарадзеимæ æмæ фембæлды фæстæ, парламент конституцион ивддзинæдтæ кæй сфидлар кодта уый фæдыл фæныхас кодта.
Минæвар куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ уый тынг хорз къахдзæф у фæдылдзог парламентон æвзæрстытæм, уымæн æмæ рæзын кæны плюрализм Гуырдзыстоны парламенты.
«Райгонд дæн ацы ногдзинадæй æмæ тынг хорз къахдзæф у фæдылдзог парламентон æвзæрстытæм, Гуырдзыстоны парламенты плюрализм кæй рæзын кæны уый тыххæй. Куыд Гуырдзыстоны, афтæ æндæр бæстæты дæр, бынæттон политикон фарстаты кæсыны рæстæджы тынг гуырымыхъхъ ныхæстæй æмæ жесттæй архайынц. Дис кæнын уыцы комментаритæй, кæцыты адæймæгтæ ме рдæм аразынц, уыдон, кæцытимæ никуы фембæлдтæн æмæ мæн тыххæй æппын ницы зонынц. Мæ хъуыдымæ гæсгæ фæнысангонд у политикон процессы хай æмæ демокративон рæзтимæ иумæ, Гуырдзыстон ахæм митæ дæр фæуадздзæн фæстийæ. Сæйраг у, конституцион ивддзинæдтæ сфидар сты, уымæй тынг райгонд дæн» – райхъусын кодта Германийы минæвар.
Фембæлды фæдыл информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министрад.