Германийы минæвар 2 июны публикацигонд посты тыххæй æмбарынгæнæн аразы
Гуырдзыстоны Германийы минæвар Петер Фишер 2 июны цы пост спубликаци кодта, уый фæдыл æмбарынгæнæн дæтты.
Минавар социалон хызæгты ахæм равгы фæдырысгæнæн аразы: фæдырыс 1. Дæлдæр Германийы канцлеры цитатæ æрхастон æмææнцой кодтон равзæрæныл. Алкæмæн у йæ бон контекст сбæрæг кæнын. 2. Германийы минæварад сдзуапп кодта фарстытæн: канцлеры фидиуæны æфсон уыдис Германи, фæлæ уыдон æмтгæйонæй дæр валидон сты. 3. Ныфс дарын, разы стут канцлеры ныхæстимæ», – дзырдæуы æмбарынгæнæны.
2 июны Гуырдзыстоны Германийы минæвар, Петер Фишер социалон хызаджы фæхай кодта Германийы канцлеры Олаф Шольцы фидиуæн тыхмидзинады тыххæй, фæлæ минæвар не сконкрет кодта, кæцы бæстæйы тыххæй уыдис канцлеры фидиуæн. Минæвар Шольцы фидиуæны социалон хызаджы публикацийы фæстæ, цалдæр гуырдзиаг медиафæрæз ахæлиу кодтой информаци, цæвиттон Шольцы фидиуæн уыдис Гуырдзыстоны тыххæй.
Германийы канцлер Олаф Шольц, Германийы æрцæугæ тызмидзинады цаутæ бафаудта æмæ уый тыххæй сарызта фидиуæн:»Рæзы политиконæй мотивиргонд хæрамдзинад æмæ бырстытæ, нæ бафидаудзыстæм фыдзæрдæдзинады æмæ тыхмидзинадимæ. Ахæмы фылдæр сты цæсгомджын æмæ сæ хъæлæс æнæмангæй фехъусын хъæуы».