Германийы мидхъуыддæгты ног министр, хиаæмбæхсæн раттыны æмæ депортацийы процедурæты батагъд кæныныл ныхас кæны
Германийы мидхъуыддæгты ног министр Херст Зеехоффер хъусын кæны, цæмæй Германи, криминалты æрдæм нулы ййас толерантдзинадæй политикæ ауадздзæн.
Информацийы уый тыххæй хæлиу кæны рауагъдад Spiegel.
Министр хиæмбæхсæн раттыны æмæ фæдфæдон депортацийы процедурæты батагъд кæныны генералон планы фæдыл фæныхас кодта. Министры ныхæстæм гæсгæ, уы фæнысангонд планы æххæст кæнынмæ æрывналдзæн, постыл æй куыддæр снысан кæндзысты афтæмæй.
«Репатриациты нымæц нысаниуæгджынæй хъуамæ фæфылдæр уа, сæрмагондæй та фыдгæнджыты æмæ потенцион къæрныхтæн, кæцытæ дæр хиæмбæхсæн агурынц» – банысан кодта Зеехоффер.
Ацы рæстæджы, Германийы мидхъуыддæгты ног министр расидтис, цæмæй Германийы зæгъгæ фæнды космополит æмæ либералон бæстæйæ баззайын.
«Фæлæ хъуыддаг æмбæстæгты иргъæвынмæ куы æххæссы, уæд æнæмæнгхъæугæ у фидар паддзахад. Æз ты ауыл бабыхсдзынæн» – расидтис Зеехоффер.
Афтæма, уый полицийы техникон ифтонгкæныны æмæ эффективон видео-мониторингыл фæныхас кодта.
14 марты Германийы бундестаг, сывзардзæн ног канцлеры. Ацы бон министрты ног кабинет ацæудзæн ард бахæрыны церемони æмæ хицауад йæ хæстæ æххæст кæнынмæ официалонæй æрывналдзæн.