Германийы Федеративон Республикæйы президенты, визит Гуырдзыстонмæ райдыдта
Германийы Федеративон Республикæйы президенты, Франк-Вальтер Штайнмайеры взит Гуырдзыстонмæ райдыдта.
Германийы президенты хæдтæхæг Тбилисф æхсæнадæмон аэропорты æрбадтис. Уымæн аэропорты йæ размæ рацыд Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани.
Франк-Вальтер Штайнмайер, Гуырдзыстонмæ йе мкъайимæ, Элке Бюденбендеримæ иумæ æрцыд.
Германийы Федеративон Республикæйы президент официалон фембæлдтæ райсомæй райдайдзæн. Ныридæгæн плангонд у йæ размæ рацæуыны официалон церемони, президенты галуаны цы ран сырæздзæн фембæлдтæ президентимæ комкоммæ æмæ ауæрæхгонд форматы.
Гуырдзыстоны æмæ Германийы президенттæ медийæн, иумæйаг фидиуæн сараздзысты.
Гуырдзыстоны президенты администрацийы информацийæ, официалон визиты фæлгæтты, Франк-Вальтер Штайнмайер, Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариаимæ, парламенты сæрдар, Арчил Талакъвадзеимæ, Гуырдзыстоны Каталикос –Патриарх Илья Дыккагимæ фембæлдзæн æмæ Гуырдзыстоны иудзинадæн тохы фæмардуæвæг æхсарджынты мемориалыл дидингуытæ сæвæрдзæн.
Германийы Федеративон Республикæйы президент Тбилисы, гуырдзиаг бизнесментимæ фембæлдзæн, фæуазæг уыдзæн Кахетмæ æмæ цалдæр бынæттон сæндуцæг заводыл ахæсдзæн цæст.
Официалон визиты культурон программæйы фæлгæтты, Франк-Вальтер Штайнмайер Алавердийы моладзандон æмæ Эрекле Паддзахы музей фендзæн.