Германийы фæсарæн хъуыддæгты министрад – Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны регионты хæдбардзинад банымад, нæрайсгæ у
Германийы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæнæй, Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны регионты Абхаз æмæ Цхинвалы хæдбар паддзахадтыл банымад у æрæуадзæгæ æмæ нæрайсгæ. Уый фæдыл дзырдæуы, Германийы фæсарæн хъуыддæгт министрады Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты 10 азысæрмæ гæсгæ арызт фидиуæны.
«Германи йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, æхсæнадæмонæй разы арæнты фæлгæтты. Уæрæсейы æмæ нлджы цыппар бæстæйы æрдгæй ацы регионты хæдбар паддзахадтыл банымад -нæрайсгæ у. Германи æнцо дары тыхархайæн кæцы уагъд у конфликты сабырадонæй аскуыддзагы нысанæй, кæцы Женевæйы дискусситы фæлгæтты хъуамæ баххæст уа. Ацы дискусситæ сты нысанмæ баххæссыæнæн æхсæнадæмон тыхрахайдты бындур. Сидæм Уæрæсемæ, сæххæст кæна 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры къухбафыст бадзырдæй лæвæрд хæстæ» – банысангонд у фидиуæны.
Документы афтæдæр дзрдæуы, цæмæй Германи дарддæр кæны Гуырдзыстоны Евроцæдисы мониторингы мисии æмæ домы, цæмæй æхсæналæмон бартæхъахъъхæнæг организацитæм, лæвæрд æрцæуа Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд регионтæм бацæуыны фадат.
Германи афтæдæр райы Гуырдзыстоны хицауады инициативæйæ, «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм», кæцыйы нысан у, оккупацион хаххы иннæ фарс цæрæг æмбæстæгты цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнын.