Германийы фæсарæн хъуыддæгты министр – ныфс æвæрæм, цæмæй Гуырдзыстоны фарсытæ диалогы фæндагæй бахъом уыдзысты фарста аскуыддзаг кæнынæн фæндæгтæ рацагурын
Лæмбынæг нæ хъус дарæм Гуырдзыстоны цæугæ процесстæм æмæ ныфс æвæрæм, цæмæй фæрстæ диалогы фæндагæй бахъом уыдзысты фарста аскуыддзаг кæнынæн фæндæгтæ рацагурын, – уый фæдыл Германийы фæсарæн хъуыддæгты министр Хаико Маас райхъусын кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ Берлины уагъд иумæйаг пресс-конференцийыл.
«Кæд æмæ æмахæн дæр нæ бон у хайбавæрд скæнын ацы процессы, уæд нын цин уыдзæн исты саразын», – банысан кодта Германийы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæг.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, Германи хъæддых йæ фарс хæцы Гуырдзыстонæн, бæстæйы хæдбардзинады æмæ территорион æнæхъæндзинады фарстайы.
«Гуырдзыстоны суверенитет нæу махæн базар кæнинаг. Гуырдзиæгтæ нырид дыууæ аз у, æнæвизæйæ балц кæнынц Германимæ. Сæхæдæг гуырдзиагтæн та Гуырдзыстоны, а.х. администрацион хахх æхгæнынц æмæ адæймæгтæн бынативды сæрибардзинад массонæй арæн кæнынц Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы. Бирæты ахсынц æмæ уый æппæт кæрон скæнын хъæуы», – райхъусын кодта Хаико Маас.
Уый фæныхас кодта Гуырдзыстон-Германийы ахастытыл æм банысан кодта, цæмæй зæгъгæ Германийы ахастытæ Гуырдзыстонимæ тынг хæстæг æмæ æууæнкджын сты.