Германийы  фæсарæн хъуыддæгты министр – ныфс  æвæрæм, цæмæй Гуырдзыстоны  фарсытæ  диалогы фæндагæй бахъом уыдзысты  фарста аскуыддзаг кæнынæн  фæндæгтæ  рацагурын
Германийы фæсарæн хъуыддæгты министр – ныфс æвæрæм, цæмæй Гуырдзыстоны фарсытæ диалогы фæндагæй бахъом уыдзысты фарста аскуыддзаг кæнынæн фæндæгтæ рацагурын

Лæмбынæг нæ  хъус дарæм  Гуырдзыстоны  цæугæ  процесстæм æмæ  ныфс  æвæрæм, цæмæй  фæрстæ  диалогы фæндагæй   бахъом  уыдзысты  фарста аскуыддзаг кæнынæн фæндæгтæ рацагурын, –  уый фæдыл  Германийы  фæсарæн хъуыддæгты  министр Хаико Маас   райхъусын  кодта Гуырдзыстоны   фæсарæн хъуыддæгты  министр   Давит Залкалианиимæ Берлины  уагъд иумæйаг пресс-конференцийыл.

«Кæд æмæ æмахæн дæр нæ бон у хайбавæрд скæнын  ацы  процессы,   уæд  нын  цин уыдзæн  исты саразын», –  банысан кодта Германийы   фæсарæн хъуыддæгты   уагдоны къухдариуæггæнæг.

Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ,  Германи  хъæддых йæ фарс хæцы  Гуырдзыстонæн,  бæстæйы   хæдбардзинады æмæ  территорион æнæхъæндзинады  фарстайы.

«Гуырдзыстоны суверенитет  нæу махæн  базар кæнинаг.  Гуырдзиæгтæ  нырид дыууæ аз  у,  æнæвизæйæ   балц  кæнынц  Германимæ.  Сæхæдæг гуырдзиагтæн  та Гуырдзыстоны,  а.х.  администрацион   хахх  æхгæнынц æмæ   адæймæгтæн  бынативды  сæрибардзинад  массонæй   арæн кæнынц  Хуссар Ирыстоны æмæ  Абхазы.   Бирæты   ахсынц  æмæ  уый  æппæт   кæрон скæнын хъæуы», –  райхъусын кодта  Хаико Маас.

Уый фæныхас кодта Гуырдзыстон-Германийы  ахастытыл  æм банысан кодта, цæмæй зæгъгæ  Германийы ахастытæ  Гуырдзыстонимæ тынг  хæстæг æмæ  æууæнкджын сты.