Германийы æддаг хъуыддæгты министр Аналена Бербок Киевмæ ныццыд.
Хæсты райдайæнæй æвдæм визит у Киевмæ.
Æдасдзинады нысанæй раздæрон информаци нæ парахат кодта.
«Уырыссаг ракетатæ æмæ æнæпилотон тæхæг аппаратæй, Украинайы бахъахъхъæдæн æнæмæнгæй хъæуы уæлдæфон хъахъхъæд. Мах хъуамæ сиу кæнæм нæ тыхтæ, цæмæй Украина фервæза æмæ Путины æфсад ма æрбаввахс уа нæ арæнтæм», – сиды Бербок.