Германи  Украинайæн адæтдзæн   нырыккон   уæлдæфыныхмæ  хъахъхъæды системæ
Германи Украинайæн адæтдзæн нырыккон уæлдæфыныхмæ хъахъхъæды системæ

Германи Украинмæ адæтдзæн  нырыккон  уæлдæфон иргъæфы системæ «Ирис-Т» (IRIS-T).

Медийы хъусинагæй, уый фæдыл  Германийы  канцлер  Олаф Шольц  бæстæйы закъондæттæг  органы  дзырдæй   ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Германийы хицауады  къухдариуæггæнæг  райхъусын кодта,  ома  ацы системæты æххуысæй, Украина «Бахъахъхъæндзæнн  рад стыр  горæттæ урыссаг  уæлдæфон бырстытæй» .

Шольцы дзырдæй, Германи Украинайæн афтæдæр ратдзæн   цæстдарæн  радар, кæцыйæн йæ бон у  рабæрæг кæнын  ныхмæлæууæгы гаубицатæ,   минæхсджытæ  æмæ ракетон   артиллери. Уымæй  дарддæр ма  Шольц  фехъусын кодта, цæмæй Берлин  АИШ-имæ æнгом координацийæ, Украинамæ  цалдæр иуæг  залпон  æхсты  реактивон   системæ дæр арвитдзæн.