Германи  райста сыгъзæрин майдан фигурон бырыны
Германи райста сыгъзæрин майдан фигурон бырыны

Фигуристты  немыцаг  къай  Алена Савченко –Бруно  Массо, баисты  Олимпион чемпионтæй, хибар  программæйæ.  Финалон  рацыды фæстæ сæ балттæ уыдысты   235.90.

Цымидисон у уый æмæ  Алена Савченко  райгуырд  Украинæйы  æмæ 2004  азы онг   ерыстыл иу рацыдис  Уæрæсейы   номæй, цæй фæстæдæр ахызт Германимæ.

Бруно Массо –у францаг. Уый Германийы  номæй ерысты хзайад исы 2015-æм азæй.  Уæдмæ та ерысты хайад иста ноджы иу украинагимæ  Дарья  Поповаимæ.

Æвзист майдан  рамбылдтой  китайæгтæ  Веньцзин Суй  æмæ  Хань Цун (235.47), бронзæ призерæй  та ссис  Канадайаг дуэт,  Мэйган  Дюамель  æмæ Эрик  Рэдфорд (230.15).