Генералон прокуратурæ Ника Мелиайы æрцахсынæн парламентæй барлæвæрд куры
Гуырдзыстоны генералон прокуратурæйы рæгъмæ рахастой уагæвæрд Никанор Мелиайы аххосджындзинады тыххæй.
Абоны уагъд брифингыл куыд загъдæуд афтæмæй, Гуырдзыстны генералон прокуратурæ æмæ мидхъуыддæгты министрады централон криминалон полицийы департамент, уадзы фæдагуырд 2019 азы 20-21 июны, парламенты раз ацæугæ акцийыл къордон тыхмидзинады организацийы, къухдариуæг кæнын æмæ уым хайад райсыны фактыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 225-æм статийæ.
«Фæнысангонд фæдæвзарæны фæлгæтты, Гуырдзыстоны парламенты уæнгы Никанор Мелиайы æрдæм рабæрæг ис тугтæрхоны барады кодексæй зæрдылдард фыдракæнды нысæнттæ. Акцийы цыды рæстæджы къордон тыхмидзинады къуыхдариуæгкæныны æмæ уым хайад райсты тыххæй, Никанор Мелиайы æрдæм, рахастæуыд зылынгæнæг уагæвæрд Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 225-æм статийы фыццаг æмæ дыккаг хæйттæм гæсгæ. Никанор Мелиамæ райсоммæ фæсидтысты Гуырдзыстоны генералон проуратурæмæ уымæн аххосаг бавдисыны нысанæй. Генералон прокуратурæ, Гуырдзыстоны парламенты регламентмæ æмбæлгæйæ, ныридæгæн фехъусын кодта закъондæттæг органæн парламенты уæнгы тугтæрхоны барады дзуаппмæ раттыны тыххæй, æмæ йæм басидтис, зылынмæ лæвæрды æрдæм ахстæй æфхæрд æрдомынæн, барлæвæрд раттыны куырдиатæй.
Уымæй дарддæр ма, мидхъуыддæгты министрад активонæй æххæст кæны уыцы уæнгты идентификаци, кæцытæ 20-21 июны акцийыл æххсæт кодтой æргом тыхми архæйдтæ – архайдтой полицийы кордон тыхæй атонын æмæ парламент штурмæй бацахсын, æндæр æмæ æндæр мигæнæнтæ æхстой барадхъахъхъæнджытыл, физикъонæй сæм быцæу лæууыдысты æмæ куынгæ кодтой хицæн исады объекттæ. Фæнысангонд уæнгты нысаниуæгджын хай, нырид идентифициргонд сты. Æввахс бонты ист æрцæудзысты æмбæлон мадзæлттæ се рдæм тугтæрхоныбарады амæлттæ райдайынæн», – райхъусын кодтой прокуратурæйы.