Гека Геладзе - туркаг хæдтæхæгыл 20 адæймаг уыд, 18  мард ссардтой, дыууæйы агуырд даргъ кæны
Гека Геладзе - туркаг хæдтæхæгыл 20 адæймаг уыд, 18 мард ссардтой, дыууæйы агуырд даргъ кæны

Туркаг хæдтæхæджы 20 адæймаг уыд, уыдонæй 18 -ы мард ссардтой, дыууæ адæймагы агуырд, даргъ кæны – уый фæдыл журналисттæн Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министр Гека Геладзе  расидтис.

Министры ныхасмæ гæсгæ, Туркы мидхъуыддæгты министримæ æнæскъуыд  координаци ис.

“Фыццаджы дæр мæ фæнды, мæсæллæ расидон мардгондты бинонтæн, туркаг адæмæн. Рымысын уын кæндзыстæм, знон, 14;00 сахатыл Азербайджаны территорийæ стахт Туркы æфсæддон  хæдтæхæг, кæ.цы Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдадмæ æрбахызт æмæ æрхауд. Бортыл уыд 20 адæймаг, уыдонæй 18 уæнгы ссардтой æмæ хъыгагæн, дыууæ адæймагы агурæн операцитæ даргъ кæнынц. Сифтонг кодтам иумæйаг фæдагуырдон къорд, кæцыйы баст сты туркаг коллегатæ, кæцытæ æхсæвы дæргъы уыдысты бынатыл æмæ истой хайад фæдаагуырдон мадзалты. Туркаг фарсимæ иумæ уæ базонгæ кæндзыстæм информацийы деталтимæ” -расидтис Гека Геладзе.