Газайы секторы æнæниздзинады хъахъæды министрады информацийæ, Израилы авиацæфты фæстиуæг мардгондты нымæц 1 900 онг сырæзт

Газайы секторы æнæниздзинады хъахъæды министрады информацийæ, Израилы авиацæфты фæстиуæг мардгондты нымæц 1 900 онг сырæзт.

Цæфгондты нымæц ацы рæстæгмæ 7 696 у. Уый фæдыл информаци Газайы Секторы æнæниздзинады хъахъæды министрад парахат кæны.

Мардгондты æхсæн 614 саби у æмæ 370 сылгоймаг.

Афтæ дæр Израилы хихъахъæнады тыхтæ расидтысты, цæмæй Израилы територийыл 1500 онг палестинаг терорист амардтой.

Парахат кæны информаци, цæмæй цæугæдон Иорданы, ныгуылæн доныбылыл мардгондты нымæц 49 у, цæфгондты нымæц та 950.