Газæйы рынчындоны спырх кæныны фæстæ, Æввхас Скæсæны цалдæр бæстæйы протестон акцитæ ацыд
Газæйы рынчындоны спырхы фæстæ, Æввахс Скæсæны цалдæр бæстæйы протестон акцитæ ацыд.
Иорданийы сæ1йраг горæт Аманы ныгуылæн хайы уыгтæм сæдæгай демонстрант рацыд. Йиордайнæгтæ Аманы Израилы минæварадмæ балæбурын архайдтой, кæцы рæстæджы дæр æрцыд быцæуæмбæлд демонстрантты æмæ барадхъахъхъæныджыты æхсæн. Акцийы ныссæндынæн Иорданийы æдадсзинады тыхтæ цæссыгуадзæн газæй спайда кодтой.
Демонстрацитæ ацыд Ливаны дæр, цы ран акцийы хайадисджытæ АИШ-ы минæварады цур бацархайдтой æдасдзинады барьертæ атонын.
Медиайы хъусинагæй, Иракы митинггæнджытæ бахъавыдсты цъæх зонæйы хидыл ахизын, фæлæ æдасдзинады тыхтæ сын уый фадат нæ раттой. Багдады цъæх зонæйы ис Иракы хицауады офистæ æмæ цалдæр минæварад, сæ нымæцы АИШ-ы дæр.
Протестон акцитæ афтæдæр ацыд Тегераны, Францы æмæ Британийы минæварадты цур.
Демонстрацитæ ацы æндæр горæтты дæр, сæ нымæцы Испахан æмæ Хъумы.