Газæйы рынчындоны спырх кæныны фæстæ,  Æввхас Скæсæны цалдæр бæстæйы протестон акцитæ ацыд
Газæйы рынчындоны спырх кæныны фæстæ, Æввхас Скæсæны цалдæр бæстæйы протестон акцитæ ацыд

Газæйы  рынчындоны  спырхы  фæстæ, Æввахс Скæсæны  цалдæр бæстæйы  протестон акцитæ ацыд.

Иорданийы  сæ1йраг горæт Аманы   ныгуылæн хайы  уыгтæм   сæдæгай  демонстрант рацыд. Йиордайнæгтæ  Аманы  Израилы  минæварадмæ  балæбурын архайдтой, кæцы рæстæджы дæр   æрцыд быцæуæмбæлд демонстрантты æмæ   барадхъахъхъæныджыты æхсæн.  Акцийы   ныссæндынæн  Иорданийы  æдадсзинады тыхтæ  цæссыгуадзæн газæй  спайда кодтой.

Демонстрацитæ  ацыд Ливаны дæр, цы ран акцийы  хайадисджытæ  АИШ-ы минæварады цур  бацархайдтой  æдасдзинады барьертæ атонын.

Медиайы  хъусинагæй, Иракы митинггæнджытæ бахъавыдсты цъæх зонæйы хидыл ахизын, фæлæ   æдасдзинады  тыхтæ  сын уый фадат нæ раттой.  Багдады  цъæх зонæйы   ис  Иракы хицауады офистæ æмæ цалдæр минæварад, сæ нымæцы АИШ-ы дæр.

Протестон акцитæ  афтæдæр ацыд   Тегераны, Францы æмæ Британийы  минæварадты цур.

Демонстрацитæ  ацы  æндæр горæтты дæр, сæ нымæцы  Испахан æмæ Хъумы.