Гавайы сакъадахтыл вулканы скалды фæстиуæгæн зиæнттæ райста иу адæймаг
Гавайы сакъадахтыл вулканы скалды фæстиуæгæн зиæнттæ райста иу адæймаг. Бынæттон медиа куыд хъусын кæны, афтæмæй, вулканæй ссæугæ зынгсаха хæстæг уæвæг хæдзары балконыл лæууæг æмбæстагæн йæ къахыл æрхаудта. Уый госпиталмæ фæхæццæ кодтой.
Бакой уын кæндзыстæм, Гавайы сакъадхтыл Килауэйы стынд цалдæр бон даргъ кæны. Зынгсаха 9 километры бæрзæндмæ хæццæ кæны. Ахæлиугонж хъусинагæй уый ныридæгæн бахæццæ ис Гавайы централон автомагистралмæ. Скуынæгис ноджы 4 цæрæн хæдзар. Ахуыргæндты ныхæстæм гæсгæ, зынгсахайæ уæлдай, атмосферæмæ токсикон буарадтæ дæр кæлынц, кæцытæ тæссаг сты адæмагæн.
Гавайы хицауад вулкан Килауэйы скæлды тыххæй 10 мин æ мбæстагæн бацамыдта эвакуаци. Фæлæ æмбæстæгты хай ацы рекомендаци сæ зæрдыл нæ бадарттой. Вулканæй ссæугæ зынгсаха 30-æй фылдæр цæрæн хæдзар скуынæг кодта. Дональд Трамп Гавайы ацы хайы расидт, стихион æнамонддзинады зонæйæ.