Гавайы сакъадæхтыл авиакатастрофæйы фæстиуæгæн æхсæз адæймаг фæхъуыд
Гавайы сакъадæхтыл авиакатастрофæйы фæстиуæгæн æхсæз адæймаг фæхъуыд. Уый фæдыл информаци хъусн кæны «ВВС».
Цау Гавайы иуæй-иу сакъадахы Кауайыл, уæлхох хайы æрцыд.
Авиакатастрофæйы рæстæджы хæрдмæтæхæгы авд адæймаг уыд. Иуы ирвæзынгæнджытæ ацы афонмæ агурынц.
Бынæттон хицауад куыд хъусын кæны афтæмæй, цауы аххос æнхъæлцау ссис боныгъæд, уымæн æмæ катастрофæйы рæстæджы сакъадахыл фидар уад дымтта.