«Гахариа Гуырдзыстоны тыххæй» – Гиоргий Гахариа 2 июлы фæдагурæн къамисы рабадтыл Чорчанайы тыххæй дæрддзæфæй ныхас кæнынмæ цæттæдзинад расидтис
Гиоргий Гахариа цæттæ у 2-æм июлы фæдагуырдон къамисы рабадтыл дистанционæй раныхас кæна Чорчанайы фæдыл – уый фæдыл брифингыл парти «Гахариа Гуырдзыстоны тыххæй»-ы æххæстгæнæг нымæрдар Бердиа Сичъинава расидтис.
«Къамисы абоны уынаффæ дæр у бæлвырдгæнæн, цæмæй сæ нæ фæнды байхъусын Гиоргий Гахариамæ Чорчанайы хъуыдтагы фæдыл. Афтæ дæр хъусын кæнæм нæ цæттæдзинад 2-æм июлы дæрддзæфæй ныхас кæнынмæ Чорчанайы фæдыл. Гиоргий Гахариа æмæ нæ къорд сæрыстыр сты Чорчанайы хъуыддагæй. Уый æрмæст политикон вендетæ нæу Гиоргий Гахариайы ныхмæ, уый у уæззау фыдракæнд, кæцы здæхт у националон интересты ныхмæ паддзахадон, æмæ цыфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр ныфс дæттæм æхсæнадæн, цæмæй ацы фæдагурæн комис сахуыр кæнынæн арæзт æрцæудзæн фæдагурæн къамис æмæ «Чорчанайы» хъуыдтагæй никæмæн уыдзæн йæ бон раирвæзын æмæ бамбæхсын, нæдæр къамис, нæдæр мæнг æвдисæн кæнæ барадхъахъæнæг», -расидтис Бердиа Сичъинава.
Гиоргий Гахариа Гуырдзыстоны парламенты фæдагуырдон комисы рабадтмæ ноджы иу хатт æрсидт уыдзæн 2-æм июлы.
Зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Гиоргий Гахариа къамисы рабадтмæ ногæй æрсидтысты 16-æм июны, Гахария абон, 23-æм июны хъуамæ æрлæууыдаид фæдагурæн къамисы раз.
Парти «Гахариа Гуырдзыстонæн» фарстайыл знон, 22-æм июны рапарахат кодта расидæн, кæцыйы мидæг ис фыст, цæмæй Гиоргий Гахариа Гуырдзыстоны нæй æмæ разы у комисы хайадист дистанционæй. Слестгæнæн къамис не сразы ис Гахариайы дистанционæй рафæрсыныл.