Гаглойты Алан - Разы дæн фæхицæнгонд ирон адæмы баиу кæныны фæдыл идеяимæ Уæрæсейы сконды, дыккаг фарста у уый, цæмæй æрлæууыд референдум снысан кæныны момент, цæмæн нæ æрæмдзых уыд ацы фарста æвзæрст президентимæ
Æз куыд мæ фыдыбæстæйы хъæбул æмæ адæмæй æвзæрст Хуссар Ирыстоны республикæйы президент, æххæстæй разы дæн фæхицæнгонд ирон адæмы баиу кæныны фæдыл идеяимæ иугонд Уæрæсейы сконды – уый фæдыл, – оккупацигонд Цхинвалы регионы а.х. президент Гаглойты Алан райхъусын кодта.
Уыимæ ма йæ дзырдæй, зæгъгæ « Иннæ фарста у, æрлæууыд ныр уыцы историон момент, референдум снысан кæнын æмæ йæ ауадзын цырын кæнын куы хъæуы уый».
Галойты Аланы дзырдæй, зæгъгæ Хуссар Иррыстонæй хуынд республикæйы Уæрæсеимæ баиу кæнын у ирон адæмы æнусон бæллицц, фæлæ уыимæ иумæ, куыд Уæрæсейы Федерацийы æууæнкаг партнер æмæ бадзырдон ахастыты адекватон фарс, а.х. Хуссар Ирыстоны республикæ хæсджын у, сыххæст кæна Уæрæсейы Фекдерациимæ æмцæдисондзинады æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды фыццаг стати.
«Уым дзырдæуы, цæмæй «бадзырды фарсытæ уадзынц иуæмйаг æддагон политикæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары, фарсыты интерестæ дыууæрдгæй дæр зæрдыл дарын æмгукыстады æндæр æмæ æндæр сферæты, кæрæдзийæн информаци зонын кæнын ацы æрдгæй сæххæст архæйдтыты фæдыл». Ам æвзæры фарст – сыххæст кодта æви нæ Бибылты Анатоли ацы бадзырдæй цæугæ архæйдтытæ, сразы кодта æви нæ йæ уынаффæ Уæрæсейы Федерацийы æвджиддар уæнгтимæ? Ныфс мæ ис афтæ у, науæд та гæнæн ис 1992 азы референдумы амонд сфæлхатт уа» – райхъусын кодта Гаглойты Алан.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ 2014 азы хæдрасидт Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæтæ ауагъдтой референдум Уæрæсемæ баиу кæныны фæдыл афтæ цæмæй Мæскуыимæ йæ не сразы кодтой æмæ сæ нысан абон дæр нæ сыххæст ис.
Бынæттон рауагъдады информацийæ, Гаглоев ма банысан кодта, цæмæй уымæн зынæмбарæн у «куыд уыд гæнæн Хуссар Ирыстоны æвзæрст президентимæ рефренедумы датæйы фæдыл бадзырд ма ауадзын, уый æмбаргæйæ, ома референдумы мадзæлтты æнæхъæн спектр хъуамæ сыххæст кæна уый, кадрон ивддзинæдты периоды».
«Ахъуыды кодта Бибилов референдуммæ бацæттæйы гъæдыл æмæ ахæм уавæры йæ фæстиуджытыл? Ме рдгæй мæ фæнды Хуссар Ирыстоны цæрджыты бауырнын кæнын – Аланийы падзахад, цæмæй мæ архйдтытæ референдумы фæдыл, уыдзысты æхсæнадæмон барадон нормæты хъахъхъæнгæйæ, Уæрæсейы Федерациимæ консультацитæ уадзгæ æмæ бадзырды домæнтæ æххæсстгæнгæйæ» – банысан кодта Гаглойты Алан.
Оккупацигонд Цхинвалы регионы Гаглойты Аланы а.х инаугураци 24 зæрдæвæрæнмæ план кæны; а.х. архайæг президент Бибылты Анатоли оккупацигонд Цхинвалы регионы Уæрæсемæ баиу кæныны фæдыл а.х. референдум 17 сусæнмæ снысан кодта.