Дунейон практикæмæ гæсгæйæ, æнæнизхъахъхъæды министрад æмæ низты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады националон центр изоляцийы æмгъуыдтæ фæкъаддæр кæныныл фæуынаффæ кæндзысты – æмбæлгæ барамынд Гуырдзыстоны премьер-министр уагдæттæн æхсæнуагдонон координацион советы абоны рабадтыл ратта, кæцы Ираклий Гъарибашвилийы къухдариуæгæй видео-конференцийы форматы ацыд.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, советы уæнгтæ æркастысты бæстæйы уæвæг эпидемиологион уавæр. Банысан ис, цæмæй инфицирады цауты 95% «омикроны» штамæй сты, кæцы фылдæр рог формæйæ цæуы, уый тыххæй дæр госпитализацийы бæрæггæнæн нысаниуæгджынæй рæзы. Пациентты фылдæр хоскæнынц хæдзары уæвгæйæ æмæ сæ æнæниздзинады уавæры мониторинг кæнынц бинонты дохтыртæ онлайн режимæй.
Советы рабадтыл иу хатт бахахх ис вакцинацийы æмæ а.х. бустер дозæ саразыны нысаниуæг вирусæй инфицирады рог цыды тыххæй æмæ госпитализацийæ хи аиуварс кæнынæн. Æхсæнуагдонон координацион совет æмбæстæгтæм ноджы иу хатт сиды, маскæ дарынмæ, архайæг регуляцитæ æххæст кæнын æмæ сæхи дард дарæт адæмархæ рæттæй, æрмæст вирусы симптомты фæбæрæгы цауы, хæдзары ныллæууæд.
Гуырдзыстоны коронавирусы фыццаг цауы рабæрæгæй абоны онг вирусæй инфицирады 1 350 454 цау, уыдонæй 1 124 442 сæнæниз сты, 15 300 та амард. Ацы этапыл клиникон фысымуатты ис 1897 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын та – 6082 уæнг.
Премьер-министры къухдариуæгæй архайæг æхсæнуагдонон координацион советы куысты активон хайад исы Гуырдзыстоны парламент æмæ президенты администраци.