Бассейнты  æмæ спортзалты басгæрст сом райдайдзæн, кæцы  объектæ æнтыстджын ацæудзысты инспекци, æнæрагъæвгæйæ  уыдзæн сæ бон куыстмæ рахизын
Бассейнты æмæ спортзалты басгæрст сом райдайдзæн, кæцы объектæ æнтыстджын ацæудзысты инспекци, æнæрагъæвгæйæ уыдзæн сæ бон куыстмæ рахизын

Бассейты æмæ  спортивон залтæ байгом уыдзысты  куысты инспекци сæ куы  сбæрæг кæндзæн уый фæстæ –  фæнысангонд скуыддзаг, премьер-министры къухдариуæгæй архайæг  æхсæнуагдонон  координацион совет  абоны рабадтыл рахаста.

Бассейнты  æмæ  спортзалтæн бæрæг  регуляциты  абон  пуцбликаци скæндзæн   кусæн уавæрты инспекцийы департамент æмæ  райсомæй, æркуырдмæ  æмбæлгæйæ  райдайдзæн  бæрæг кæнын.  Бассейнтæ  æмæ спортзалтæ  кæцытæ  æнтыстджын ауадздзысты инспекци, æнæаргъæвгæйæ сног кæндзысты  кусын.

Уымæй  уæлдай ма,   абонæй  уæгъд у  тренингты æмæ  конференцитæ уадзын  æхгæд тыгъдадты, афтæдæр байгом ис  профессион  ахуыргæнæнтæ, кæцытæ, æнæнизхъахъхъæды   министрады  куысты  инспекцийы  фæстиуæгæн, бæрæг стандарттæм æмбæлон уыдзæн.  Гæнæн баис гом тыгъдады уæвæг   аттракционты  куыст  дæр.