Габриелиус Ландсбергис – Беларусы демонстранттæ куы апырх сты, спайдагонд техникæйыл европон эмбарго куы æрцыд æвæрд, мах дæр афтæ хъуамæ бакæнæм Гуырдзыстонæн
Беларусы демонстрантты æгъатырæй куы ныццавтой, уæд ацы фыдракæндтæ аразынæн цы техникæйæ пайда кодтой, уый экспортыл æвæрд æрцыд европæйаг эмбарго. Афтæ дæр нæ бон у æмæ хъуамæ саразæм Гуырдзыстонæн тагъд рæстæджы, – уый фæдыл Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Габриелиус Ландсбергис социалон хызагы фыссы.
«2010-æм азы Белорусы хицауад Минскы демонстрантты ныхмæ куы æрлæууыд, уæд европæйаг эмбарго æппæт техникæ æмæ хæцæнгæрзтæн снысан ис, кæцытæй хицауад йæхи æмбæстæгты ныхмæ спайда кодта.
Мæнмæ гæсгæ, мах хъуамæ æцæгæйдæр райдайæм хъуыды кæнын ахæм змæлды тыххæй. Кæд хицауад йæхи адæмы ныхмæ пайда кæны ныгуылæйнаг техникæйæ, уæд йæ цæмæн ласынц?