Фысымуатты бизнесы архайæг компанитæн хæсы æмфинансдзинады программæ иу афæдзæй адарддæр уыдзæн
Хицауады уынаффæйæ, фысымуатты бизнесы архайæг компанитæн хæстæ æмфинансдзинадæн субсидиты процентон хайы программæ иу афæдзы онг адарддæр уыдзæн.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа райхъусын кодта.
«Зондзыстут æй, экономикон кризисы æрдгæй фыццаг антикризисон къахдзæф, кæцы сарызтам уыд, туристон секторы æмæ фыццаджы дæр фысымуатты бизнесæн æххуыс. Æртæ мæймæ рабæрæг ис, цæмæй ацы къахдзæф нæ уыд æгъгъæд. Стæй мах ацы компанитæн, кæцытæ фысымуатты бизнесы архайынц, хæсы æмфинансдзинады программæ адарддæр кодтам æртæ мæййæ æхсæз мæйы онг. Абон та хъуамæ райсæм ног уынаффæ, уымæн æмæ бæрæг куыд у, афтæмæй, раздæры программæ дæр нæ уыдзæн æгъгъæд, хæсы æмфинансдзинадæн субсидиты процентон хайы программæ адарддæр кæнæм 6-æй 12 мæйы онг, кæцы уыдзæн иунæг фадат, абон фæнысангонд секторæн баххуыс уæм, уымæн æмæ æнæкæсгæ уымæ, цæмæй экономикон бæрæггæнæнтæ арæхсгай фæлæ оптимизмы бындур нын дæттынц, туризмы сектор у уыцы къабаз, кæцы нырма дæр серьозон æлхъывды бын ис. Уый тыххæй алцыппæт хъуамæ саразæм, цæмæй ацы секторæн баххуыс уæм», – райхъусын кодта Гахариа.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы компанитæ кæцытæн нæ бантыстис 6 мæйы дæргъы фæнысангонд программæмæ баиу уын, уыцы фадат сын иу мæйы дæргъы 10 сентябрæй 10 октябрьмæ фæзындзæн.
«Уæлæмхасæй æхсæз мæйы компоненты хайад райсыны фадат уыдзæн алы компанийæн, фæнды нырма нæ фæхæст ис ацы компоненты хайадыл, кæцы æвзæрын кæны фадат чысыл фысымуаттæн, ацы программæйы бенефициартæ суой. Уый у иттæг нысаниуæгджын, цæмæй баххуыс уæм секторæн æмæ куыст бынæттæ ма фесафæм», – загъта Гиорги Гахариа.