Фыццаг октябрæй CE, DE категориты æмæ C1E, D1E дæлкатегориты шофыры бардæттæг гæххæттытæ райсыны тыххæй бацæуæн фæлварæнты практикон хай уыдзæн дыууæкъахдзæфон
Гуырдзыстоны «Фæндаггон змæлды фæдыл» закъонмæ бахæсгæ ивæндзинæдтæм гæсгæ, 2025 азы фыццаг октябрæй CE, DE æмæ дæлкатегоритæ C1E, D1E категориты хæдтулгæты скъæрыны бар райсыны фæдыл фæлварæнты практикон хай уыдзæн дыууæ этапон.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады сервисон агентад парахат кæны.
«Ивæндзинæдтæм гæсгæ, кандидат практикон фæлварæны фыццаг этап ратдзæн æхгæд бынатыл, дыккаг этап та – реалон змæлды уавæрты, Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министры бардзырдæй сбæлвырдгонд фæлварæны маршруттæм гæсгæ.
Шофыры бардæттæг кандидатæн ис бар практикон фæлварæны дыккаг къæпхæн радтын 365 календарон боны æмгъуыдмæ фыццаг къæпхæн æнтыстджынæй рацæуыны фæстæ. 365 боны æмгъуыд куы фæвæййы, уæд практикон фæлварæны фыццаг къæпхæны райсгæ зæрдæмæдзæугæ бæрæггæнæн барадон тых фесафы.
Снысангонд категориты / дæлкатегориты хæдтулгæтыл скъæрыны бар райсын кæй фæнды, уыдонæн практикон фæлварæн Руставы æмæ Кутаисы лæггæдты агентады структурон хайæдты раттыны фадат уыдзæн.
Практикон фæлварæны дыккаг къæпхæнмæ бахизынæн æнæмæнгхъæуæг у рады регистраци скæнын, уый гæнæн ис: комкоммæ, службæйы æмбæлон структурон иуæгимæ бадзургæйæ; веб-фарсы фæрцы; мобилон æфтуанæй спайда кæнгæйæ», -ис фыст Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министрады лæггæдты агентады фидиуæны.