Фыццаг мартæй, уæлдæфон, сурзæххон  æмæ денджызон  арæны уылты Гуырдзыстонмæ æрцæуыны бар  уыдзæн   фæсарæйнаг æмбæстагæн, кæцы  у æххæстæй  вакцинацигонд, кæнæ  бавдисæдзæн «PCR» тесты æппæрццаг  дзуапп
Фыццаг мартæй, уæлдæфон, сурзæххон æмæ денджызон арæны уылты Гуырдзыстонмæ æрцæуыны бар уыдзæн фæсарæйнаг æмбæстагæн, кæцы у æххæстæй вакцинацигонд, кæнæ бавдисæдзæн «PCR» тесты æппæрццаг дзуапп

 

Координацион  советы  уынаффæйæ,   фыццаг мартæй, уæлдæфон, сурзæххон  æмæ денджызон  арæны уылты  Гуырдзыстонмæ æрцæуыны бар  уыдзæн   фæсарæйнаг  бæстæты  алы  æмбæстагæн, кæцы  у  æххæстæй  вакцинацигонд, кæнæ  бавдисæдзæн 72  сахатон валидондзинады  «PCR» тесты æппæрццаг  дзуапп.

Уыимæ  координацион  советы уынаффæйæ,   бæстæмæ Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  «PCR» тесты фæрцы  æрбахизыны  цауы,   ивд цæуы  æртыккаг бон  «PCR» тест саразыны  хæс,  æрмæст «PCR» тест йæм куы нæ  уа,  уæд,   уæвæг 8 бонон  хиизоляцийы  æмгъуыд фæкъаддæри 5 боны онг.

«Регуляцитæ фæрогдæр кæнынмæ гæсгæйæ,   ивд цæуы  бизнесвизиторты «Бакус Гуырдзыстонæй» æмæ студентон аппликацитæ», – дзырдæуы  информацийы.