Фыццаг Каналы куусæг Иза Надареишвилийы иллюстрацигонд сабион чиныг «Сæрибардзинад хуызты аккаг у» тæлмацгонд æрцыд ирон æвзагмæ
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы кусæг Иза Надареишвилийы иллюстрацигонд сабион чиныг «Сæрибардзинад хуызты æмбæлон у» тæлмацгонд æрцыд ирон æвзагмæ.
Чиныг кæцыйы автор у Манана Картозиа, культурæйы,ф æсивæды æмæ спорты министрады æххуысæй, рауагъдад «Сезан» рратта мыхуырмæ. Тæлмацгæнæг – Куымæридтаты Рæзиат, рауагъды редактор – Беппиты Наирæ.
Чиныджы иллюстарцигæнæг, Иза Надареишвилийы дзырдæй, сегасдæр аккаг аргъгæнджытæ сты сывæллæттæ æмæ растдæр уыдон ссаргъ кæндзысты йæ иллюстрацигонд чиныгæн.
«Иллюстарци скодтон дыууæ чиныджы «Циндзинады рæхыс» æмæ «Сæрибардзинад хуызты æмбæлон у». Сабион литературæимæ архайын тынг зын. Манана Картозиайы æххуысæй мæ ныфс бахастон æмæ фæстиуæг ахæм у. Тынг архæстгай æмæ оптимизмæй кæсын. Дыссаджы расидты раз æрлæууыдтæн. Хъуымацты, хуызты æмæ фактурæтæй архайгæйæ бацархайдтон, сывæллæттæн чиныг рацахорын. Тынг цымидисон уыдис ацы куыстю мæ хъуыдымæ гæсгæ, фæстиуæг дæр бæрæг у æмæ йын сабитæ дæр аргъ скæндзысты. Сегасдæр аккаг аргъæнджытæ сты сывæллæттæ æмæ мын тынг цин у, ахæм фадат мæм кæй æрцыд лæвæрд»- райхъусын кодта Иза Надареишвили.
Чиныджы авторы Манана Картозиайы фидиуæнæй, культурæйы,ф æсивæды æмæ спорты министрады æххуысæй, «Сезаны» ирон æвзагмæ тæлмац æрцыд чиныг «Сæрибардзинад хуызты аккаг у».
«Ацы бонтæ мæ багомыг кодтой, фæлæ нæ иу хъуыддаг райхъал кæны, «Сезаны» смыхуыр ис мæн æмæ Иза Надареишвилийы сабион чиныг: «Сæрибардзинад хуызты аккаг у» ирон æвзагыл, культурæйы фæсивæды æмæ спорты министрады æххуысæй. Бузныг тексты тæлмацгæнæгæн Куымæридтаты Рæзиатæн æмæ рауагъды редактор Беппиты Наирайæн. Чиныг чысыл тиражæй у, фæлæ артредакторы Бесо Данелиайы æххуысæй ныридæгæн ссардта йæ фыцццаг кæсджыты,кæцы йын сыгъдæг цæссыгимæ ракуывдта йæ фæндагæн телтæй æмбондджын арæны æрдæм» – хъусын кæны Мана Картозиа.
Сабион чингуыты сери «Сабидзинады æмбæлццæттæ» гуырдзиаг æвзагыл уагъд уыдысты 2021 азы. Серийы дыккаг чиныг «Циндзинады рæхыс» гуырдзиаг-уырыссаг, афтæма гуырдзиаг-немыцагау уыдысты мыхуыры уагъд.